1 октября 2023 г.
Кæфты мæйы 1-æм боны "Алайнаг гимназ"-ы 3 «Æ» къласы ахуырдзаутæ абалц кодтой Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады проспектмæ. Балц хуымæтæджы нæ уыди, арæзт æрцыди «Ацæpгæ адæймаджы бæрæгбон»-ы фæдыл.
Фæндагыл æмбæлæг ацæргæ кары адæмæн ракодтой бæрæгбоны арфæтæ, балæвар сын кодтой лæвæрттæ. Тынг разыйæ баззадысты хистæр кары адæм. Бирæтæ арфæйы ныхæстæ фехъусгæйæ, сæ зæрдæтæ бауынгæг сты. Адæймаджы зæрдæ балхæнынæн бирæ нæ хъæуы. Алчидæр сæ тынг разыйæ баззади, хистæртæ - æрхъуыдыджын кæстæртæй, кæстæртæ та ахæм буц хистæртæй.