Къоста… Æрмæстдæр номæй хонынц ирон адæм Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы. Ирон лæгæн уыцы ном йæ чысылæй йæ амæлæты бонмæ вæййы тырысайау. Æрмæстдæр иунæг ном, æмæ цæстыты раз сысты адæмты сæрхъуызой, йæ цард æгасæй дæр йæ дзыллæйæн чи радта, уыцы арфæйаг Къостайы цардæгас сурæт.
2 «Æ» къласы ахуырдзаутæ сæ разамонæг Тедеты Илонæимæ бацархайдтой Хетæгкаты Къостайы номыл арæт къуырийы мадзалты.