«…цæмæй
Нæ фæуæм бынтондæр фыдвæндаг!..» уымæн абон æрыгон фæсивæд хъуамæ æппынæдзух сæ зæрдыл дарой Ирыстоны рухс фидæнӕн цы адæм лæггад кодтой, уыдоны.
Абон хуымгæнæны мæйы 1-æм боны Ирыстоны цæрæг адæм мысынц ирон литературæйы бындурæвæрæг, номдзыд поэт, нывгæнæг æмæ æхсæнадон архайæг Хетæгкаты Къостайы ном. Къостайы лæггæдтæ бафидын никæй къухы бафтыдис, нæдæр бафтдзæн. Мах бон у æрмæст йæ кадджын номимæ нæ кæстæрты зонгæ кæнын, цæмæй ма мингай азты дæргъы рохуаты ма аззайа.