«Ирон дзырд у махæн нæ фыдæлты намыс,
Ирон дзырд — нæ Иры цæсгом...»
Уæдæ, конкурс «Аив дзырды дæсны»-йы иувæрсты ахизæм, уымæн нæй гæнæн. Ирон аив ныхас хъусгæйæ, адæймаг йæ хъуыдыты дард балцы цыма афардæг вæййы, уыйау вæййы хаттæй-хатт. Уæлдайдæр та Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты рæнхъытæ куы райхъуысынц, уæд.
Конкурсы бацархайдтой 1-4 къласы онг ахуырдзаутæ. Конкурсы хатдзæгтæ сбæлвырд кæндзысты Хетæгкаты Къостайы номыл къуырийы кæронбæттæн арæзт куы рцæуа, уæд.