🌸 Кæфты мæйы 1-æм боны Уæрæсейы бæрæг кодтой «Ацæргæ адæймаджы бон».
🌸 3 «А» къласы ахуырдзауты уыцы бæрæгбон рох нæ уыд, æмæ сæ къласы разамонæг Быценты Фатимæ æмæ хъомылгæнæг Абайты Мадинæимæ абалц кодтой Сабырдзинады проспектмæ.
🌸Скъоладзаутæ зæрдиаг арфæты ныхæстæ ракодтой фæндагыл æмбæлæг адæмæн æмæ балæвар сын кодтой лæвæрттæ дæр.
🌸 Нæ хистæртæ, сымах иу кæнут фæлтæрты. Уæ куырыхондзинад, уæ зонындзинæдтæ æмæ амынддзинæдтæ сты зынаргъ æмæ хъæугæ.
Æнæниз нын ут!