Ирыстоныл бирæ æнусты дæргъы узæлыдысты æмæ узæлынц дзæвгар адæм. Уыдоны `хсæн Ирыстоны кадджындæр хистæртæй иу – Битарты Зелимханы фырт Вячеслав. Йе `нувыддзинады фæрцы Ирыстоны равзæрдис æппæт Уæрæсейы хъуыстгонд чи у, ахæм скъола – «Алайнаг гимназ».
Абон «Алайнаг гимназ»-ы ахуырдзауты, кусджыты æмæ ныййарджыты коллектив зæрдиаг арфæтæ кæны Битары фыртæн йæ гуырæнбоны фæдыл. Æнæниз, зӕрдӕрухс æмæ амондджын у! Дæ кæстæрты æнтыстдзинæдтæ дын дæ зæрдæ рухс кæнæнт æрвылбон. Дæ гуырæнбоны хорзæх дæ уæд!