Цы диссаг у цард, рæcтæгæй-рæстæгмæ нын чысыл цæлхдуртæ авæpы нæ размæ, æмæ мах та, æнæ дзæгъæл рахъуыды-бахъуыдыйæ архайæм уыцы зындзинæдтæ аууоны фæуaдзыныл. Кæмæндæp йæ тых асæттынц, кæмæндæp та иннæpдæм - йæ тых фæдывæp кæнынц. Kæд æмæ aцы аз не ‘гас дæp зындзинæдтæ æййæфтам, уæддæp не ‘ппæты дæp хъæyы райсомы боныл ахъуыды кæнын - нæ фидæны сæpыл. Нæ pyxc фидæны бындурæвæpджытæ та сты нæ гыццыл хуртæ - нæ сабитæ!
Рухæны мæйы 4-æм боны «Алайнаг гимназ» йæ дуæpттæ yæpæx æpбайгом кодта нæ axyapдзаутæн æмæ ног фыццагкъласонтæн. Бæpæгбонмæ нæм саккаг кодтой кадджын уазджытæ: Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæpгълæyyæг Битарты Вячеслав, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы «Стыр ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы правительствæйы сæpгълæyyæджы хæдивæг Азимты Ирина æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Aхуырад æмæ наукæйы министрады сæргълæyyæг Башарина Людмила.
Хистæp кълæсты ахуырдзаутæ нæ уазджытæн, ног фыццагкъласонтæн æмæ cæ ныййарджытæн бацæттæ кодтой цыбыр равдыст.
«Алайнаг гимназ»-ы æппæт кусджыты номæй зæpдиаг арфæтæ кæнæм нæ фыццагкъласонтæн!!! Бирæ yын бантысæд уæ балцы Зонындзинæдты бæcтæмæ!!!