Кæфты мӕйы 15-ӕм бон – Хетӕгкаты Къостайы гуырӕн бон. Къоста у ӕппӕт ирон адӕмы уарзондӕр поэт, канд ирон адӕмы нӕ, фӕлӕ ма ӕндӕрбӕстӕты цӕрӕг адӕм дӕр кад кӕнынц ӕмӕ ӕрвылбон сӕ зӕрдыл дарын Къостайы рухс ном.
Хетӕгкаты Къостайы лӕггӕдтӕ бафидын абоны боны онг никӕмӕн бантыстис, нӕдӕр бантысдзӕн. Мах, кӕстӕр фӕсивӕды сӕйраг хӕс у ирон номдзыд поэты номы кой фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ хӕссын.