майрӕмбон, 1 мартъийы, 2024 аз
Тæргæйтты мæйы 1-æм боны «Алайнаг гимназ»-ы бындурыл арæзт æрцыд республикалон семинар «Нырыккон педагогон технологитæ полилингвалон ахуырады». Семинар арæзт æрцыд РЦИ-Аланийы истори æмæ археологийы институты «Ирон æвзаджы райрæзты центр»-ы хъæппæрисмæ гæсгæ. Семинармæ саккаг кодтой «Ирон æвзаджы райрæзты центр»-ы сæргълæууæг Куыдзойты А.Ф., центры кусджытæ – Хъамболты Т.Т., Дзытиаты Э.З., Кучиты Л.А., Дзампаты Л.Г., нæ республикæйы скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ рæвдауæндæтты хъомылгæнджытæ.
Семинары райрæзтыл бакуыстой «Алайнаг гимназ»-ы ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджытæ. Уыдон уазджытæн бацæттæ кодтой гом уроктæ. Се `хсæн Чеджемты Ф.Л. – ирон литературæйы урок 7 къласы Дзесты Куыдзæджы радзырд «Хорхæссæг»-мæ гæсгæ, Кучиты Л.Л. – алфламбылай дунейы урок 1 къласы «Светофор»-ы сусæгдзинæдтæ æргом кæнгæйæ, Тедеты И.А. – метематикæйы урок 4 къласы «Хынцинæгтæ хынцын ныхмæвæрд змæлдыл» ахуыр кæнгæйæ æмæ Чертыхъоты Ф.З. – къласы сахат 2 къласы «Мадæлон æвзаг мадау адджын»-ыл хъомыладон куыст кæнгæйæ.