сабат, 23 декабры, 2023 аз
3 «Æ» къласы хъомылгæнæг Бокиты Анжелæ радта гом къласы сахат: «Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæр». Сывæллæттæ бамбæрстой чи у æмбал, ранымадтой хорз æмбалы миниуджытæ. Хъазты хуызы æмбалы тыххай æмбисæндтæ арæзтой æмæ сын сæ мидис æмбарын кодтой. Къласы сахат бахъæлдзæг кодтой æмбалы зарæгæй.