Хъарм ӕмӕ хъӕлдзӕг бӕрӕгбон балӕвар кодтой 5"б" къласы ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ мадӕлтӕн. Алы саби дӕр ссардта йӕ мадӕн ӕппӕтӕй фӕлмӕндӕр, ӕппӕтӕй зӕрдӕбындӕр ныхӕстӕ. Балӕвар сын кодтой кӕфтытӕ, ӕмдзӕвгӕтӕ, хъӕзтытӕ. Нӕ ерысты та архайдтой ... нӕ мадӕлтӕ. Чи фылдӕр зӕгъдзӕн йӕ хъӕбулӕн рӕвдауӕн ныхӕстӕ, чи тагъддӕр базондзӕн йӕ сабийы баст цӕстытӕй ӕмӕ а.д.
Бӕрӕгбоны изӕры кӕрон ахуырдзаутӕ сӕхи нывӕфтыд агуывзӕты ахуыдтой цай цымынмӕ сӕ уарзон мадӕлты...