Æппæтдунеон «Æнæниздзинады бон»сбæрæг кодтой «Алайнаг гимназ»-ы. Скъолайы фæткмæ гæсгæ, ацы бон райдайы иумæйаг ифтыгъдæй. Райсом-раджы «Алайнаг гимназ»-ы ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытæн се уæнгтæ аивазынæн баххуыс кодта Сохиты Зауырбег - yæгъдибар хъæбысхæстæй Æппæт Дунейы чемпион.
Уымæй уæлдай, сывæллæттæ æмæ ахуыргæнджытæ бацархайдтой се `нæниздзинад фæфидар кæныныл. Скъоладзаутæн сæ ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджытимæ сæ къухы бафтыдис экскурситы ацæуын Дзæуджыхъæуы алыхуызон цымыдиссаг бынæттæм. Куыд æмæ кæм арвыстой сæ рæстæг, уыйта уын радзурдзыстæм нæ иннæ хъусынгæнинæгты.