Цард æмæ рæстæгæн сæхи æгъдæуттæ ис. Баззад ныхас: хурбон, дам, хуры хъармыл ма бацин кæн, къæвда йæ раивдзæн. Къæвда бон та къæвдайы ’рцыдыл хъыг ма бакæн, уымæн æмæ йæ фæстæ хур ракæсдзæн æмæ æрдз йæ ног хуыз равдисдзæн, фæллад зæрдæйæн удæнцой æрхæсдзæн.
Хæст куы райдыдта, уæд фæндыры цагъд æмæ ирон зард нал хъуыстысты нæ ирон, нæ фæрныг хъæутæй. Лæгдзинад, лæджы ’хсар бахъуыдысты уыцы зын рæстæг. Хæсты фыццаг бонтæй фæстæмæ советон адæм риуæмбæрц æрлæууыдысты фашистон лæгмарты ныхмæ тохы, равдыстой стыр лæгдзинад æмæ чи никуыма уыд, ахæм хъæбатырдзинад.
Ахæм ахсджиаг стыр хæст нæ уыд 1941-1945 азты Ирыстоны хъæбултæ кæм нæ архайдтой æмæ кæм нæ фесгуыхтысты. Ныййарæг мады фæдзæхст сæрыстырæй æххæст кодтой æмæ Райгуырæн зæххы сæраппонд бырстой знаджы ныхмæ æмæ æгаддзинад сæ сæрмæ нæ хастой.
«Петр Барбашов»-ы номыл арæзт мемориалон комплексмæ ацæуын сæ къухы бафтыдис 1 «Æ» къласы ахуырдзаутæн дæр.