Æрвылаз «Алайнаг гимназ»-ы арæзт æрцæуынц алы ахуырадон предметтæм гæсгæ къуыритæ. Хуымгæнæны мæйы 14-æм бонæй 21-æм боны онг нæ скъолайы ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ æнтысджынæй бацархайдтой алфамбылай дунейы къуырийы.
Къуырийы дæргъы сывæллæттæ бацархайдтой алыхуызон мадзалты: брейн-рингты, интеллектуалон хъæзтыты, ныссагътой скъолайы кæрты бæлæстæ.
Къуырийы кæрон сывæллæты куыстæн лæвæрд æрцыдис аккаг аргъ кады гæххæттытæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.