Хетæгкаты Къостайы кадджын ном мысгæйæ «Алайнаг гимназ»-ы арæзт æрцыдис ирон æвзаг æмæ литературæйы къуыри. Нæ къуыри сæрмагондæй арæзт æрцыд ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хæтæгкаты Леуаны фырт Къостайы 162-æм азы райгуырды фæдыл.
Кæфты мæйы 12-æм боны кадджын уавæры байгом ацы къуыри. Къуырийы дæргъы нæ ахуырдзаутæ сæ ахуыргæнджытимæ æмæ хъомылгæнджытимæ бацархайдтой алыхуызон конкурсты, ацыдысты балцы Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл арæзт мемориалон музеймæ, бацыфыдысты ирон аргъуаны Хетæгкаты Къостайы ингæны цурмæ.