Фæлтæр фæлтæры ивы, дарддæрæй дарддæр кæнынц Фыдыбæстæйы хæсты цаутæ. Фæлæ мах хъуамæ ма бауадзæм рох кæнын, нæ фыдæлтæ Германы фашистты ныхмæ хæсты цы сгуыхтдзинæд равдыстой, уый. Хъуамæ нæ зæрдыл дарæм Фыдыбæстæйы цыты ном чи айхъуысын кодта, уыдоны. Нæ фыдæлты цыт æмæ хъæбатырдзинад мах хъуамæ ныууадзæм нæ кæстæр фæлтæртæн фæзминагæн.
Абон «Алайнаг гимназ»-ы 3-æм «Б» къласы ахуырдзаутæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæндæгтыл цæугæйæ, абалц кодтой Петр Барбашовы цыртдзæвæнмæ, Майрæмæдаджы музеймæ, Дзæуджыхъæуы «Кады Мемориалмæ».