«Алайнаг гимназ»-ы бындурыл арæзт æрыгон фысджыты поэтикон клуб «Малусæг»-ы куыст æнтысджынæй цæуы размæ.
Цыппурсы мæйы 10-æм боны, поэтикон клубы архайджытæ æмæ бархи хъусджытæ, «Алайнаг гимназ»-ы чиныгдоны æpбамбырд сты цымыдиссаг фембæлдмæ. Йæ дæсныйады, курдиаты сусæгдзинæдтæ раргом кæныны тыххæй нæм саккаг кодта Уæpæceйы фысджыты цæдисы уæнг, нырыккон рæcтæджы ирон поэт – Пaгæты Аслæнбек.
Поэт тынг цымыдиссагæй бацархайдта нæ скъолайы ахуырдзаутимæ: бакастис сын хи фыст æмдзæвгæтæ, раргом кодта æмдзæгæтæ раст фæткмæ гæcгæ фыссыны æгъдæуттæ, сa размæ сын рахаста йæхи фæлтæрддзинадæй дæнцæгтæ.
Курдиатджын поэт канд литературæйы фæзилæнты тыххæй нæ дзырдта, фæлæ ма фæцагайдта хъомыладон фарстатæ дæp.
Сывæллæттæ тынг лæмбынæг хъуыстой Аслæнбекмæ æмæ йын уыцы зæpдиаг дзуæппытæ лæвæpдтой йæ фарстатæн. Кæpæдзийы цæстæнгасæй кæй æмбæpcтой, уый дардмæ дæp бæpæг уыдис.
Ацы къорды зæpды ис тагъд pæстæджы ногæй æpæмбырд уæвын, фæлæ хуымæтæджы нæ…
Иннæ фембæлдмæ сывæллæттæ хъуамæ бафæлварой фæйнæ цыппаррæнхъоны ныффыссын. Цы сын дзы рауайдзæн, уый та не ‘ппæт дæp тагъд рæстæджы базондзыстæм…