Иунæг ирон æвзаджы къуыри дæр нæ ахицæн вæййы æнæ «Аив дзырды дæсны»-йы конкурсæй. Афтæ Хетæгкаты Къостайы номыл арæзт къуыри дæр.
Ацы мадзалы бацархайыны фадат уыдис æппæт ахуырдзаутæн дæр, 1-5 къласы онг. Сывæллæтты арæхстдзинад сбæрæг кæныны фадат та уыди нæ кадджын жюрийы уæнгтæн: Цæразонты Мæдинæйæн, Джанайты Изетæйæн,Чеджемты Фаризæтæн, Бериаты Олесяйæн.
Уæлахиздзаутæ æмæ конкурсы æппæт архайджытæ сæрмагондæй хорзæхджынгонд æрцыдысты кады гæххæттытæй.