Кæфты мæйы 1-æм боны "Алайнаг гимназ"-ы 6 кълæсты ахуырдзаутæ абалц кодтой Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады проспектмæ. Балц хуымæтæджы нæ уыди, арæзт æрцыди «Ацæpгæ адæймаджы бæрæгбон»-ы фæдыл.
Фæндагыл æмбæлæг ацæргæ кары адæмæн ракодтой бæрæгбоны арфæтæ, балæвар сын кодтой лæвæрттæ. Тынг разыйæ баззадысты хистæр кары адæм, бирæтæ арфæйы ныхæстæ фехъусгæйæ, сæ цины цæстыссыгтæ - иу асæрфтой. Адæймаджы зæрдæ балхæнынæн бирæ нæ хъæуы. Алчи дæр сæ тынг разыйæ баззади, хистæртæ - æрхъуыджын кæстæртæй, кæстæртæ та ахæм буц хистæртæй.