Нæ хистæр кары адæм — махæн, æрыгон фæсивæдæн, сты нæ сæйраг зондамонджытæ. Хистæрæн кад кæнын ирон адæмæн сæ туджы ис, фыдæлтæй рахæсгæ миниуæг у.
Кæфты мæйы 1-æм боны æппæт зæххы къорийы цæрæг адæм бæрæг кæнынц «Ацæргæ адæймаджы бон». Иуварс н
е `рлæууыдысты «Алайнаг гимназ»-ы ахуырдзаутæ дæр. Дыккæгæм кълæсты ахуырдзаутæ сæ ахуыргæнджытимæ æмæ хъомылгæнджытимæ бацæттæ кодтой лæвæрртæ хистæр кары адæмæн æмæ рацыдысты горæты уынгтæм бæрæгбоны фæдыл арфæтæ кæнынмæ.