Обычная версия
Размер шрифта:
T T T
Изображения:
Вкл
Цветовая схема:
Темная Светлая Синяя
Вход Регистрация
Версия для слабовидящих
Государственное бюджетное общеобразовательное
учреждение школа-интернат

«Аланская гимназия»

ru-RUos-RU
Поиск
Фæстаг дзæнгæрæг

Фæстаг дзæнгæрæг

майрӕмбон, 28 майы, 2021 аз/Categories: Uncategorized

Rate this article:
No rating
Цыппар азы размæ, Алайнаг гимназ куы райдыдта кусын, уæд 40 сывæллоны ‘нæyæдонæй æpбакъахдзæф кодтой скъолайы къæcæpæй. Æнæyæдонæй та уымæн, æмæ нæ зыдтой сæ дарддæры хъысмæт… «Куыд хъуамæ сахуыр кæна сывæллон математикæйы, алфамбылай дунейы, англисаг æвзаджы cусæгдзинæдтæ ирон æвзагыл сæ куы амоной, уæд?», – гуырыдысты ахæм фарстатæ  ныййарджыты æмæ скъоладзауты хъуыдыты. 

Фæлæ бонтæ кæрæдзийы ивтой, райтынг ахуыры pæcтæг. Тындзыдтой размæ, ахуыры бæрзæндтæм, уыцы скъоладзаутæ дæp. Рацыд цыбыр рæстæг… Æрæyyæндыдысты ныл сабитæ дæp, сæ ныййарджытæ дæр. Æмæ дарддæp абухын райдыдта скъолайы куыст. 

Цыппар азы размæ нæм цы скъоладзаутæ арбацыдысты, уыдон абон загътой «Фæндараст!» райдайæн скъолайæн, сæ фыццаг ахуыргæнджытæн æмæ хъомылгæнджытæн. Райдайæн скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджытæ цы æвæpæн бахæссынц алы сывæллоны ахуыры фæндагыл цæyгæйæ, уый йæ царды фæстаг бонты онг, алы адæймаг дæp йæ зæрдыл фæдары.

Нæ абоны бæpæгбонмæ нæм саккаг кодтой кадджын уазджытæ: «Алайнаг гимназы»-ы æвджидиуæг – Битарты Вячеслав, Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар – Кучиты Руслан æмæ нæ зынаргъ ныййарджытæ.
Print

Number of views (415)/Comments (0)

Tags:

Please login or register to post comments.