Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбоны тыххæй дзургæйæ, адæймаджы бон æнæрымысгæ нæ вæййы ирон æвзаг æмæ литературæйы райрæзтæл чи бацархайдта, уыдоны.
Ирон фысджытæй æмæ æвзагиртасджытæй бирæтæ ныгæд сты ирон аргъуаны кæрты. Уыдоны кадджын ном, ирон æвзаг æмæ литературæйы къуырийы, æрымысыдысты 5-æм кълæсты ахуырдзаутæ.