25 ноября 2023 г.
Джеоргуыбайы мæйы 25-æм боны Советон Цæдисы 2 хатты хъæбатыр, Монголы республикæйы хъæбатыр, инæлар Плиты Иссæйыл сæххæст уыдаид 120 азы.
Иссæ cтыр фæд ныууагъта Цæгат Ирыстоны историйы. У ирон адæмы кадджындæр хъæбултæй иу. Куыд Францы - Наполеон, Уæрæсейы - Суворов, афтæ ирон адæмæн та йæ хъуыстгонддæp æфсæддон-разамонæг у Плиты Иссæ.
Зындгонд у йæ цыргъзонд, ныфсхастдзинад.
4 «А» къласы ахуырдзаутæ абалц кодтой Плиты Иссæйы хæдзар-музеймæ. Уым сывæллæттæ бæлвырддæр базонгæ сты Иссæйы цардафыстимæ.