8 марта 2024 г.
Дæ фарн бирæ, ирон сылгоймаг! 🌷
Уæдæ Хуыцау зæххыл цы рæсугъд дидинджытæ сфæлдыста, уыдонæй иу у сылгоймаг ❤️
Сылгоймаг у къонайы фарн æмæ царддæттæг.
Ацы уалдзыгон бæрæгбон махæн у уæлдай æхсызгон. Уый æххæст у уарзондзинад, талас æмæ иууыл рæсугъддæр æнкъарæнтæй. Ирон сылгоймаджы фæлгонц кæддæриддæр уыд бæрзонд хæрзæгъдаудзинады идеал – æгъдау æмæ уæздандзинад.
🌷 Ацы рæсугъд бæрæгбоны фæдыл нæ 4 «а» къласы ахуырдзаутæ абалц кодтой Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады проспектмæ.
Æмæ фæндагыл æмбæлæг сылгоймæгты æнæ лæвæрттæй нæ ныууагътой 🥰
Нæ сывæллæттæ раарфæ кодтой сывæллæтты журнал «Ногдзау»-ы редакторæн Сæлбиты Дианæйæн 💐
Сывæллæтты æнæ лæвæрттæй нæ ауагъта 📚
Тынг хъæлдзæг рауади сæ балц🌷🥰